Ахуырады министр хайад райста ӕхсӕнадӕмон конференцийы Мӕскуыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Натали хайад райста ӕхсӕнадӕмон зонадон-практикон конференци "Перспективы развития исследований в сфере наук об образовании", фехъусын кодта министрады пресс-секретарь Плиты Яна.
Мадзал бацӕттӕ кодта Уӕрӕсейы ахуырады академи.

"Конференцийы уынаффӕ цыд ахӕм ахсджиаг тематыл, куыд ахуырады процессы организаци цифрӕйон трансформацийы уавӕрты ӕмӕ коронавирусы пандемийы рӕстӕджы. Стӕй ма дзырд цыд ахуырады дистанцион формӕйы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццаг миниуджытыл. Конференцийы централон бынат рахицӕн кодтой ахуырад ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылады фарстытӕн", - хъусын кӕны пресс-службӕ ахуырады министр Гасситы Наталийы ныхӕстӕ.

Уагдоны ма бафиппайдтой, ахуырады министрады разамонӕгӕн йӕ кусӕгон балцы рӕстӕджы Мӕскуыйы уыд кусӕгон баныхастӕ Уӕрӕсейы ахуырады академийы президент Ольга Васильеваимӕ. Мадзалы фӕлгӕтты хӕларадон фембӕд Гассты Наталийӕ уыд Санкт-Петербурджы паддзахадон университеты когнитивон иртӕстыты институты директор Татьяна Черниговскаяимӕ.
Мадзалы фӕлгӕтты кусӕгон форматы Хуссар Ирыстоны минӕвар ныхас кодта нывӕзт "электронон боныг" горӕты скъолаты ныббиноныг кӕныныл.
Ахуырады министр хайад райста ӕхсӕнадӕмон конференцийы Мӕскуыйы