"Барсалантӕ" Хуссар Ирӕй рамбылдтой радон хъазт Мӕскуыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты футболон командӕ "Барсалан" дыккаг хъазт рамбылдта турнир "Мемориал Василия Кулькова"-йы, фехъусын кодта Sputnik тренер Хъазиты Алан.
Ерыстӕ, кӕцытӕ нывонд сты советон ӕмӕ уӕрӕсейаг футболист Василий Кульковӕн, цӕуынц Мӕскуыйы спортивон центр "Спартак"-ы 13-ӕй 17-ӕм декабрмӕ. Уый размӕ хуссарирыстойнаг футболисттӕ рамбылдтой командӕ "СКА – Хабаровск" 3:0 хыгъдӕй.
"Дыккаг туры нӕ командӕ хъазыд Ural Lions-имӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз сты 5:1 хыгъдӕй, иннӕ хъазт ацӕудзӕн абон "ЦСКА - Москва" командӕимӕ", - банысан кодта Хъазиты Алан.
Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды архайынц 2011 азы гуырд сывӕллӕттӕ. Турниры ӕдӕппӕт хайад исынц 16 командӕйы, сӕ нымӕцы цӕгатирыстойнаг "Спартак-Алания".
Амӕйразмӕ командӕ "Барсалан" хайад райста егъау футболон турнир "Hopes Cup"-ы, цы ран Хъазиты Аланы хъомылгӕнинӕгтӕ бацахстой дыккаг бынат.