ПӔК банысан кодтой арӕнхалджыты нымӕцы фӕфылдӕр ноябры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады (ПӔК) Арӕнгӕрон службӕ ноябры ӕрурӕдта 35 арӕнхалӕджы (октябры ӕрурӕдтой 19 адӕймаджы).
Арӕнхалджытӕй 31 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим ӕмӕ цыппар та – арӕнгӕрон режим.
"Процессуалон архайды рӕстӕджы 24 адӕймаджы фӕивар кодтой, авды – феддӕдуар кодтой РХИ территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, дыууӕ адӕймаджы бафӕдзӕхстой, иуы фӕдыл тӕрхондон рахаста административон скъуыддзаг, ноджы иу арӕнхалӕджы фӕдыл та ӕрурӕдтой административон хъуыддаг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
ПӔК Арӕнгӕрон комитеты зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, арӕнгӕрон пункттӕм бацӕуыны рӕстӕджы ӕмбӕстӕгтӕм хъуамӕ уой бӕлвырдгӕнӕн документтӕ.