Цхинвалы бакодтой ногазон армукъа

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакодтой ногазон армукъа. Харебаты Исахъы уынджы дыккаг базары раз фӕзынд ногазон атрибуттимӕ цатыртӕ, нырма сты стӕмтӕ, фӕлӕ ам равзарӕн ис аразгӕ назтӕ, хъазӕнтӕ, фынгӕмбӕрзӕнтӕ ӕмӕ ӕмткӕй ногазон фӕлындӕн ӕрмӕг.
Горӕты администрацийы развӕлгъау фӕхъусын кодтой ацы аз бирӕ амалиуӕггӕнджытӕ радтой куырдиӕттӕ.
Цхинвалы бакодтой ногазон армукъа
Мэрийы кусӕг Къобесты Маиры ныхæстæм гæсгæ, бынат цæй фаг у, уымæй фылдæр ис амалиуӕггӕнджытӕ, кӕцытӕ хъавынц ногазон армукъайы базар кӕнын.
Ӕрвылаз дӕр 15 декабрӕй суанг Ног азы къӕсӕры онг Харебаты Исахъы уынгыл чысыл базары раз сӕвзӕры ногазон армукъа. Кӕнгӕ наз бӕлӕстӕ, сӕ хъазӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонон атрибуттӕй дзаг вӕййынц хъулон цатыртӕ.
Цхинвалы бакодтой ногазон армукъа