Цхинвайлаг шахматисттӕ хайад райсдзысты егъау турнирты Дзӕуджыхъӕуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг шахматисттӕ хайад райсдзысты Цӕгат Ирыстоны цалдӕр турниры, цӕмӕй сӕххӕст кӕной ӕрыгӕтты разрядтӕ, радзырдта Sputnik спортсменты тренер Саулохты Георгий.
Ерыстӕ ацӕудзысты горӕты скъолатӕй иуы 18 декабры. Организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны Шахматты федераци ӕмӕ Ногдзауты галуан.
"Уыдзӕн егъау мадзал, ӕдӕппӕт дзы хайад исынц 250 адӕймаджы. Нӕ республикӕйӕ дзы хайад райсдзысты 15 адӕймаджы, цӕмӕй сӕххӕст кӕной ӕрыгӕтты спортивон разрядтӕ", - загъта тренер.
Нӕ республикӕйы кад хъахъхъӕндзысты Хуссар Ирыстоны шахматты скъола "Белая Ладья"-йы ахуыргӕнинӕгтӕ. Фарон уыдон хайад райстой РЦИ-Аланийы турниры ӕмӕ сын уыд хорз хатдзӕгтӕ, банысан кодта Саулохты Георгий.
ХИПУ-йы студент ссис Цӕгат Иры шахматты турниры призер