Цхинвалы сабидон "Сӕуӕхсид"-ы территори цӕуы хӕрзарӕзт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы администрацийы тыхтӕй хӕрзарӕзт цӕцы дӕсӕм сабидоны алфӕмбылай, фехъусын кодта Sputnik сабидоны директор Цхуырбаты Людмила.
Цхинвалы сабидон "Сӕуӕхсид"-ы территори цӕуы хӕрзарӕзт
"Сабидон мидӕгӕй цалцӕг ӕрцыд 2015 азы, уымӕй размӕ раивтой йӕ агъуыст, фӕлӕ йӕ алфӕмбылай территори арӕзт нӕ уыд Советон дугӕй. Ныридӕгӕн ам аразынц хъазӕн фӕзуат, ӕвӕрынц беседкӕтӕ. Кӕрты сабитӕн уыдзӕн хъазынӕн хорз фадӕттӕ. Куыстытӕ ӕххӕст кӕны горӕты администраци", - загъта Цхуырбаты Людмила.
Скъолайы агъоммӕ уагдоны директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, майрӕмбонӕй сабидоны бакодтой карантин.
"27 декабрмӕ нӕм конд ӕрцыд карантин, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ нӕм кусынц радгӕсон къордтӕ, цӕмӕй кусгӕ цы ныййарджытӕ кӕнынц, уыдоны зӕнӕг райсой', - бафтыдта директор.
Ӕдӕппӕтӕй сабидон "Сӕуӕхсид"-мӕ цӕуы сӕдӕ сабийӕ фылдӕр.