Транскамыл сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд – Хуссар Иры УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Транскмыл сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд абон 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ автотранспорты алы хуызтӕн дӕр зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас ӕмӕ митуарды тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Фӕндагон змӕлд 7.00 сахатыл ӕрурӕдтой, 8.40-ыл фӕндаг рӕстӕгмӕ бакодтой.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.