Ӕнӕ удӕгас бӕласӕй: горӕты администраци наз бӕлӕсты базары тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацы аз нӕ уыдзӕн удӕгас наз бӕлӕсты базар, фехъусын кодта Sputnik мэрияйы кусӕг Къобесты Маир.
"Нырмӕ ничи 'рбацыд горӕты администрацимӕ, цӕмӕй йын раттӕм бынат ӕрласӕггаг наз бӕлӕстӕ уӕй кӕнынӕн. Фӕндагон хӕрдзтӕ бирӕ кӕй лӕууынц, уый тыххӕй. Ацы аз дӕр, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уыдзӕн удӕгас назтӕ уӕййаг", - загъта Къобесты Маир.
Цалдӕр азы размӕ Хуссар Ирыстоны хъӕд бахъахъхъӕныны нысанӕн республикӕйы тобӕ сӕвӕрдтой наз бӕлӕстӕ кӕныныл, уӕлвӕткы хуызы Хъӕдын хӕдзарады разыдзинадӕй уӕдӕгас бӕлӕстӕ ракӕныны бар раттынц ӕрмӕст культурӕйы дӕлхайӕдтӕ, уагдӕттӕ, ӕмӕ горӕты районтӕн.