Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой фараст ног рынчыны коронавирусӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой фараст ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта дыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Къуырисӕры Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 174 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой фараст", - загъта Коцты Марина.
Уый банысан кодта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой фондз адӕймаджы, медикты хъусдарды бын ма сты 148 ӕмбӕстаджы.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 141. Санитарон уагдоны ПЦР-лабораторийы ӕппӕт ацы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 55 830 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирус бахӕцыд 10 141 адӕймагыл.