Транскамы митсыгъдӕггӕнӕн куыстытӕ ӕрлӕууын кодтой - УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскавказаг автомагистраль дыццӕджы баззайдзӕн ӕхгӕдӕй. Трассӕйы фӕтыхджындӕр ис митуард, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон службӕйы.
"Транскамы фӕндагон куыстыл ӕрурӕдтой, митуард хӕхтыл фӕтыхджындӕр ис. Абон фӕндаг баззайдзӕн ӕхгӕдӕй", - загътой УУМ.
Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕхгӕд у къуырисӕры 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ автотранспорты алы хуызтӕн дӕр зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас ӕмӕ митуарды тыххӕй.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.