Дохтыр радзырдта ӕфсӕддонты уавӕры тыххӕй, кӕцыты фервӕзын кодтой зӕйы бынӕй Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik, Козаты Диана. Дыууӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны цардӕн, кӕцыты знон изӕры фервӕзын кодтой миты бынӕй, ницы тас ис, фехъусын кодта Sputnik Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) травматологион дӕлхайады хистӕр Хуыбиаты Николай.
"Ӕфсӕддонты уавӕр у рӕстӕмбис. Иуыл дзы цӕуы 19 азы, аннӕуыл та 20. Уыдоны цардӕн ницы тас ис", - загъта Хуыбиаты Николай.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕфсӕддонты гӕнӕн ис абон рафыссон рынчындонӕй, ӕмӕ уыдон раздӕхдзысты службӕмӕ.
Дыццӕджы изӕры Ручъы тоннелы хуссар фарс ӕцыд зӕй, миты бын фӕцис уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты казармӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой тоннель. Хуссар ӕфсӕддон зылды информацимӕ гӕсӕ, цауы рӕстӕджы казармӕйы уыдысты фондз ӕфсӕддоны. Миты бынӕй райстой цыппар адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕ амардысты, дыууӕйы та бакодтой рынчындонмӕ. Ноджы ма иу ӕфсӕддоны та нырма дӕр агурынц.
Уӕрӕсейы фесӕфӕг ӕфсӕддоны агурыны операци