Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Цхинвалы медикон-социалон центры цӕрджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий Ног азы къӕсӕрыл фӕуазӕг Цхинвалы медикон-социалон центры цӕрджытӕм. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Бибылты Анатолий раарфӕ кодта центры цӕрджытӕн ногазон бӕрӕгбонты фӕдыл ӕмӕ сын радта адджын лӕвӕрттӕ.
"Айсут мын мӕ хъарм арфӕтӕ ӕмӕ иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ ӕрбалӕугӕ 2022 азы. Уӕ номӕй ма мӕ фӕнды раарфӕ кӕнын Хуссар Ирыстоны карджын адӕмӕн иууылдӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ мӕ цӕст уарзы ӕнтыстытӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад", - загъта президент.
Уый ма аныхас кодта уагдоны директор Теблойты Черменимӕ, базонгӕ ис центры цӕрджыты уавӕртимӕ ӕмӕ сын радта ноджыдӕр лӕвӕрттӕ.
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Цхинвалы медикон-социалон центры цӕрджыты
Бибылты Анатолий бафтыдта, республикӕйы къухдариуӕгад дарддӕр дӕр стыр хъусдард кӕй здахдзӕн ацы центры цӕрджытӕм.
Ныридӕгӕн социалон центры цӕры 16 адӕймаджы.