Хуссар Иры ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы контрабандӕйы тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27дек - Sputnik. Хуссар Ирыстон паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнхъахъхъӕнӕг управлени УФ-йы ФӔС арӕнгӕрон управленийы ӕфсӕддонтимӕ иумӕ ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы республикӕйӕ тамакойы контрабандӕйы рӕстӕджы.
Инцидент ӕрцыд 15 декабры Знауыры районы Лопъаны хъӕумӕ ӕввахс, хъусын кшны ПӔК пресс-службӕ.
"Урӕд ӕрцыдысты Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы 1971 азы гуырд Мегрелишвили Заза ӕмӕ 1983 азы гуырд Гогичашвили Тамаз. Уыдон сты Карелы районы Авлевы хъӕуы цӕрджытӕ. Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕрбахызтысты ӕнӕзакъонӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгты ныхмӕ конд ӕрцыд уголовон хъуыддаг арӕн фехалын ӕмӕ контрабандӕйы тыххӕй.
Знауыры районы тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, дыууӕ дӕр урӕд "рцыдысты дыууӕ мӕйы ӕмгъудмӕ.