Цхинвалы цытджын уавӕры бакодтой Криминалон милицийы бӕстыхай

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы къуырисӕры цытджын уавӕры бакодтой Криминалон милицийы бӕстыхай. Уым ма кусдзысты наркотикы змӕлды ныхмӕ ӕмӕ экономикон фыдракӕнды фӕдыл управленитӕ дӕр.
Церемонийы хайад райста президент Бибылты Анатолий. Уый банысан кодта, уагдоны разамынды раз лӕууӕг хӕстӕй сӕйраг кӕй у барадон фӕтк хъахъхъӕнын.
"Хуссар Ирыстоны барадон фӕтк бахъахъхъӕныны уӕз ис сымахыл. Ӕмбӕхсинаг нӕу, кӕй вӕййы рӕдыдтытӕ. Фӕлӕ уыдон нӕ уынгӕйӕ Мидхъуыды министрады системӕйы раст кӕнинаг цы ис, уыдон нӕ бантысдзӕн ӕрнывыл кӕнын", - загъта президент.
Бибылты Анатолий ма бафтыдта, зӕгъгӕ, уагдоны кусджытӕ сӕ хӕстӕ хуыздӕр цӕмӕй ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы хуыздӕр уавӕртӕ. Президент ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ныридӕгӕн ӕвӕрд кӕй цӕуы "Ӕдас горӕт", ӕмӕ уый дӕр ахъаз уыдзӕн фыдракӕндтӕ райхалынӕн.
Цхинвалы цытджын уавӕры бакодтой Криминалон милицийы бӕстыхай
Презентацийы рӕстӕджы сырх лентӕ алыг кодтой президент Бибылты Анатолий, Мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕг Пухаты Мераб ӕмӕ Криминалон милицӕйы хистӕр Тыджыты Геннадий.