Хуссар Иры президент фехъусын кодта ивгъуыд азы сӕйраг цаутӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хатдзӕгтӕ скодта 2021 азӕн ДИФ минӕвӕрттимӕ традицион фембӕлды рӕстӕджы.
Паддзахады сӕргълӕууӕг дыууӕ сахатмӕ ӕввахс дзуапп кодта журналистты фарстытыл. Уыдон баст уыдысты республикӕйы политикон цардимӕ, Дзабиты Иналы хъуыддагимӕ, экономикӕ ӕмӕ туризмы райрӕзтимӕ, коронавирусы ныхмӕ тохимӕ, фидӕны ӕвзӕрстытимӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр фарстытӕ. Афтӕ ма президент загъта ивгъуыд азы сӕйраг цаутӕ.
"Иууыл ахсджиагдӕр цау у фӕстауӕрцон электрондыхы хаххы арӕзтад. Рухсы цухдзинад ӕвзарын кӕны зындзинӕдтӕ адӕм ӕмӕ бирӕ куыстуӕтты куысты. Ноджы ма иу та у мыздты фӕфылдӕр" – загъта Бибылты Анатолий.
Ноджы ма иу ахсджиаг цауыл президент банымадта хицауады паддзахадон программӕ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл 2025 азы онг, кӕцы ис парламенты ӕркастмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы программӕйӕн уыдзӕн егъау бынат республикӕйы цӕрджыты цард фӕхуыздӕр кӕныны хъуыддаджы.
Историон цау. Хуссар Иры скусын кодтой электрондыхы фӕстауӕрцон хахх