Хуссар Иры президент саргъ кодта хицауады куыстӕн 2021 азы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хицауад ацы аз бирӕ сарӕзта, министры кабинеты куыст разынд цӕрджыты царды фӕхуыздӕрыл, загъта президент Бибылты Анатолий журналисттӕн ӕрвылазон пресс-конференцийы рӕстӕджы.
"Хицауад иттӕг хорз куыст бакодта", - бахахх кодта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕг хицауады сӕйраг сгуыхтдзинӕдтыл банымадта мыздты фӕфылдӕр ӕмӕ электрондыхы фӕстауӕрцон хахх баиу кӕнын.
Бибылты Анатолийы ӕрвылазон пресс-конференци
"Егъау куыст бакодтой, уыд дзы бирӕ хъаугъатӕ, бахардз кодтой бирӕ энерги ӕмӕ рӕстӕг", - загъта президент.
Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта хицауады архайд чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн ӕххуысы хъуыддаджы.
"Хицауад иттӕг хорз куыст бакодта, ӕмӕ ацы архайды фӕстиуджытӕ разындысты", - бафтыдта президент.
Къуырисӕры, 27 декабры, Бибылты Анатолий хатдзӕгтӕ скодта ацӕугӕ азӕн журналисттимӕ ӕрвылазон пресс-конференцийы рӕстӕджы.