ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хӕрзгӕнӕг, кӕцы йӕхи нӕ раргом кодта, радта цалдӕр бӕхы низӕфхӕрд сывӕллӕтты ипподромӕн, фехъусын кодта Sputnik президенты ӕххӕстбарджын сывӕллӕтты барты фӕдыл Цхуырбаты Татьяна.
Омбудсмен банысан кодта, уый кӕй уыд ӕхсызгон лӕвар Ног азмӕ.
"Ипподромы бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн январы кӕрӕтты – февралы райдайӕны. Уым нырма у чъиззи ӕмӕ уазал. Зымӕгон каникулты рӕстӕджы дзы бафснайдзысты. Цхинвалы районы разамонӕг Мамытаты Вахтанг нын дзырд радта баххуыс кӕнын техникӕйӕ", - радзырдта Цхуырбаты Татьяна.
Фирма "Сидуг" кӕцыйы бындурыл арӕзт ӕрцыд ипподром, уӕвынад кӕны Джеры комы. Ипподромы арӕзтады хъӕппӕрис раразмӕ кодта президенты ӕххӕстбарджын минӕвар сывӕллӕты барты фӕдыл Цхуырбаты Татьяна, кӕцы йӕ омбудсмены куысты агъоммӕ архайдта рынчын сывӕллӕттӕн ӕххуысы акцитӕ аразыныл. Ипподромы арӕзтадӕн финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий.