Хуссар Иры паддзахадон театр хоны сабиты ногазон равдыстмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр хоны сабиты ногазон равдыстмӕ. Кӕстӕрты ирхӕфсдзысты сӕ уарзон хъайтартӕ мультиктӕй, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор, актриса Саппиаты Зӕлинӕ.
Театры ногазон мадзӕлтӕ цӕудзысты цыппӕрӕм ,фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм январы.
"Ивгъуыд аз ӕнтыстджынӕй цыд ногазон шоу "Смурфики", ацы азӕй чысыл фӕивтам, баххӕст кодтам ӕмӕ йӕ ӕртӕ боны ӕвдисдзымты дыууӕ сеансы. Уыдзӕн хъӕлдзӕг мадзал, фендзысты сӕ уарзон мультфильмты хъайтартӕ, Митын Дада ӕмӕ Митын чызджы", - загъта Саппиаты Залинӕ.
Ногазон равдыст нымад у скъолайы агъоммӕ сабитӕ ӕмӕ райдайӕн скъолайы ахуырдзаутыл.