Цхинвалы райдыдта ногазон турнир шахматтӕй скъоладзауты хсӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг шахматисттӕ бацыдысты интеллектуалон тохы ногазон турниры, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.
Мадзал аразы Шахматты федераци Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-имӕ иумӕ.
"Ног азы къӕсӕрыл Национ телеуынынадимӕ иумӕ аскъуыдзаг кодтам ауадзын ерыстӕ скъоладзауты хсӕн. Ӕнтыстджындӕр хъазджыты сбӕлвырд кӕндзыстӕм боны кӕронмӕ", - загъта Саулохты Георгий.
Турниры цӕуы ПТРК "Ир"-ы бӕстыхайы.