Ӕцӕг бӕрӕгбон: Дзауы районы сабиты ӕрхуыдтой цыппурсон фембӕлдмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 янв - Sputnik, Фатима Плиева. Дзауы районы райдайӕн скъолайы ахуырдзаутӕн сарӕзтой ӕцӕг ногазон бӕрӕгбон лӕвӕрттӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйы уагимӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.
"Дзауы районы Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуанмӕ ӕрхуыдтой райдайӕн скъолайы ахуырдзауты. Райстой лӕвӕрттӕ, сабитӕ сӕхӕдӕг сарӕзтой чысыл сценкӕтӕ, сӕ ныййарджытимӕ иумӕ архайдтой викторинӕтӕ ӕмӕ хъӕзтыты", - радзырдтой мэрияйы.
Уым ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, ахӕм мадзӕлттӕ - "Рождественские встречи" - арӕзт кӕй цӕуынц ӕрвылаз районы сабиты барӕвдауынӕн.
Мадзал "Рождественские встречи"