ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ӕрдзон газ, электроэнерги ӕмӕ цӕрӕнуатон-коммуналон лӕггӕдты ӕргътӕ нӕ фӕивтой ивгъуыд азмӕ абаргӕйӕ, дзырдӕуы уынаффӕйы, кӕцы ныммыхуыр кодтой хицауады сайтыл.
Экономикон райрӕзты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2022 азы 1 январӕй электроэнергийы аргъ цӕрджытӕн уыдзӕн: столицӕйы цӕрджытӕн – 3 сомы кВт/ч, хъӕуты цӕрджытӕн та – 2,37 сомы; газӕн – 4, 51 сомы иу кубометрӕн, дзырдӕуы документы.
Фарон азмӕ абаргӕйӕ, электроэнерги ӕмӕ ӕрдзон газы ӕргътӕ нӕ фӕивтой.
Афтӕ ма горӕты цӕрджытӕн ЦКХ лӕггӕдты ӕргътӕ сты: донӕн – 2,14 сомы иу кубометрӕн, быронӕн – 36,50 сомы иу кубометрӕн иу азмӕ.
Хуссар Ирыстоны ЦКХ лӕггӕдтӕ, электроэнерги ӕмӕ ӕрдзон газы ӕргътӕ фӕстаг хатт фӕфылдӕр сты 2020 азы кӕрӕтты.