Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 31 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой дыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 134 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 31 тесты. Иу суткӕмӕ хыгъдӕй систой 10 пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 150 адӕймаджы", - загътой Югосетпотребнадзоры.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 170.
Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 57 192 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 10 320 адӕймагыл.