Цӕгат Иры хӕхты ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас – УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады фехъусын кодтой штормон фӕдзӕхст республикӕйы хӕхты зӕйтӕ ӕрцӕуыны тасы фӕдыл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ дыццӕджы.
"Паддзахадон унитарон куыстуат "Северо-Кавказский ВС"-йы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 11 январы ӕхсӕз сахатӕй 12 январы ӕхсӕз сахаты онг Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты 1500 метрӕй бӕрзонддӕр ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ирвӕзынгӕнджытӕ сидынц республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ туристтӕм фӕкъаддӕр кӕнын балцытӕ хӕхтӕм, уӕлвӕткон уавӕры рӕстӕджы та дзурой экстренон службӕтӕм.