Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 36 ног рынчыны коронавирусӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 36 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой цыппӕрӕмы Sputnik Югосетпотребнадзоры.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, медицинон хыгъдӕй систой 20 сӕнӕнизуӕвӕджы.
"Медикты хъусдарды бын ма сты 180 пациенты, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 10 200 ӕмбӕстаджы", - загътой санитарон уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 10 380 адӕймагыл.