Транскамыл уары мит. Хуссар Иры УУМ радзырдта фӕндаджы уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Козаты Диана. Транскам кусы хуымӕтӕг режимы, фӕлӕ хӕхты уары мит, хъусын кӕны цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Транскам гом у, фӕлӕ трассӕйы дыууӕ фарс дӕр – Ручъы тоннелы хуссар ӕмӕ цӕгаттаг хайыл – уары мит", - банысан кодтой уагдоны.
Хуссар Иры УУМ сиды шофыртӕм, цӕмӕй арӕхстджындӕр уой фӕндӕгтыл.
Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕввахс бонты ӕрлӕудзысты уазӕлттӕ. Къуырийы кӕронмӕ температурӕ уыдзӕн 7 градусы уазал.