Мыздтӕ ӕмӕ паддзахадон нывӕзт: Хуссар Иры раздзогӕн уыд фембӕлдтӕ Уӕрӕсейы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, кӕцы ис кусӕгон балцы Мӕскуыйы, ауагъта къорд фембӕлды Уӕрӕсейы президенты администрацийы, фехъусын кодта майрӕмбоны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Бибылты Анатолиимӕ фембӕлдты рӕстӕджы уынаффӕ цыд 2022-2025 азӕн инвестицион нывӕзты релизацийы фарстытыл.
Уымӕй дарддӕр ма дзырд цыд Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты кусджытӕн 2022 азы сӕ мызд фӕфылдӕр кӕныны фадӕттыл, бафтыдта Гасситы Дина.