Транскам кусы хуымӕтӕг режимы - Хуссар Иры УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскам кусы хуымӕтӕг режимы, хӕххон бынӕтты дӕлдзырӕттӕ нӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы хуыцаубоны.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, трассӕйы кӕцыдӕр хӕйттыл фӕндаджы уӕлцъар у их, фӕлӕ йӕ ӕмткӕй асыгъдӕг кодтой.
"УУМ сиды бӕлццӕттӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын ӕмӕ хъахъхъӕной фӕндагон ӕдасдзинад фыдбылыз ма руадзыны нысанӕн. Курӕм, цӕмӕй хӕдтулгӕтыл сӕрдыгон цӕлхытӕ раиват зымӕгонтӕм", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Сабаты райсомӕй республикӕйы ныууарыд бирӕ мит. Уый сӕвзӕрын кодта цӕлхдуртӕ шофыртӕн куыд столицӕйы, афтӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе иугӕнӕг иунӕг трассӕйыл дӕр.