Аст аварийы ӕрцыд Хуссар Иры иу къуыримӕ - МХМ

Фӕндагон-транспортон цауты фылдӕр хайы аххосаг ссис трассӕйы их уӕлцъар, бамбарын кодтой уагдоны
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд аст фӕндагон-транспортон цауы, уыдон фӕстиуӕгӕн цыппар адӕймаджы райстой буары цӕфтӕ, хъусын кӕны къуырисӕры МХМ пресс-службӕ.
Уагдоны радзырдтой, фӕцӕфуӕвджытӕй ӕртӕйы медицинон ӕххуыс бакӕныны фӕстӕ кӕй ауагътой хӕдзӕрттӕм, иуы та схуыссын кодтой рынчындоны. Министрады ма бамбарын кодтой, фӕндагон-транспортон цауты фылдӕр хайы аххосаг кӕй ссис трассӕйы их уӕлцъар.
Цхинвалы ихимӕ тохы бацыдысты горӕты администрацийы цалдӕр дӕлхайады
Иу къуыримӕ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 353 фехӕлды. Фондз шофыры ныхмӕ сарӕзтой административон протоколтӕ, хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй кӕй скъӕрдтой, уый тыххӕй.
Уымӕй дарддӕр ма республикӕйы территорийыл къуырийы дӕргъы срегистраци кодтой ӕртӕ фыдракӕнды, уыдонӕй иуы ныридӕгӕн раргом кодтой барадхъахъхъӕнджытӕ. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕнмӕ ӕркодтой аст адӕймаджы, уыдонӕй фондзӕн тӕрхондон аскъуыддзаг кодта административон ӕфхӕрд.