Хуссар Иры сӕнусон кӕндзысты Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕнусон кӕндзысты Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.
Мемориалон комплекс бацӕттӕ кодта республикӕйы сгуыхт нывгӕнӕг Зассеты Сӕрмӕт. Уымӕн йӕ ном хъуыстгонд у куыд Зары трагедийы цырты автор, стӕй ма разамынад дӕтты Тугъанты Махарбежы номыл Нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндонӕн. Уый заказ райста Культурайы министрады конкурсы уӕлахизы фӕстиуӕгӕн.
Мемориалон цырты централон бынаты сты Ереды трагедийы 12 амӕттаджы. Бӕлццӕттӕ, кӕцыты гуырдзы систой амынӕты, фӕнадтой ӕмӕ сыл удӕгасӕй баныгӕныны размӕ бафтыдтой арт.

"Уӕззау тема у, фыццаг нӕ хъуыды кодтон конкурсы архайынмӕ. Ацы бӕллӕх куы 'рцыд, уӕд мыл ӕрмӕстдӕр 13 азы цыд, ӕмӕ бӕстон нӕ зыдтон ацы ӕбуалгъ хабары лыстӕгдзинӕдтӕ. Фӕлӕ йӕ арфдӕр сахуыр кодтон. Ногӕй базыдтон, ацы ӕнамонд адӕмимӕ ма кӕй уыд сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабитӕ, ӕмӕ уыдон дӕр над кӕй баййӕфтой", - загъта цырты автор.

Ныридӕгӕн цырт у цӕттӕ, хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын цы бынаты уыдзӕн, уый. Мемориалон комплексы ма уыдзӕн чысыл дзӕнгӕрӕгдон.
"Мемориалы централон фӕлгонц йӕ къух ивазы дзӕнгӕрӕгмӕ, уымӕн йӕ фӕдис 12 ӕнамонддзинад нӕу, фӕлӕ Иры бӕллӕхтӕ ӕмӕ йӕ фидӕн. Ацы сюжет райгуырд 12 лӕджы куы баныгӕдтой удӕгасӕй, уыцы уысмӕй", - загъта уый.
Бибылты Анатолий: Ереды трагеди дӕр уыд 1920 азы геноциды фӕстиуӕг
Мемориалон цырты фӕнд раразмӕ кодта хицауад, проектты конкурс цыд Культурӕйы министрады, проекттӕ ӕвзарыны куысты хайад истой Ереды трагедийы амӕттӕгты хиуӕттӕ.