Ирон фыссæг Наниты Асиат йе сфæлдыстады тыххæй: "адæймаджы дуг аразы"

Sputnik
Абон нæм эфиры ис фыссæг, тæлмацгæнæг, Культурæйы сгуыхт кусæг, куысты ветеран, Ирыстоны фысджыты Цæдисы уæнг, "Хæларады Орден"-ы кавалер, Джусойты Нафийы номыл II националон премийы лауреат Наниты Асиат.
Асиатыл абон сæххæст ис 82 азы, уый у фидар удыхъæд æмæ цыргъ зонды хицау. Схъомыл кодта цыппар сывæллоны, æнтыстджын у куыд сылгоймаг, афтæ куыд литературæйы къабазы архайæг дæр. Уый йæ иннæ уацмысты æмрæнхъ фыссы радзырдтæ сывæллæттæн дæр.
Фарстæн, куыд æххæссыс алцæуыл дæр, зæгъгæ, фыссæг сдзуапп кодта:
"Исты аразын дæ куы фæнда, уæд æхсæв æмæ боны цыппар æмæ ссæдз сахаты алцæй æмæ алкæй фаг дæр сты".
Фæсхæстон уæззау сабибонтæ не сгуымир кодтой сылгоймаджы зæрдæ, фæлæ йын радтой тыхтæ царды æнтыстыты фæндагыл æдæрсгæйæ цæуынæн. Асиаты ныхæстæм гæсгæ, адæймаджы дуг аразы. Уый банысан кодта, хæсты фæстæ дуг кæд уыд мæгуыр рæстæг, уæддæр адæм кæрæдзи уарзтой, уыдысты фидар.
Йæ уацмысты сæйрагдæр темæтæй иу у гуырдзиаг-ирон хæстыты темæ. Уый бакуыста ивгъуыд æнусы 90-æм æзты цаутæ æмæ 2008-æм азы тугамæхст хæстыл дæр – рацыд ын радзырдты æмбырдгонд "Æнахуыр уазæг". Тæлмац кæныны фадыджы дæр ын ис æнтыстытæ.
Бæстондæрæй Наниты Асиаты цард æмæ сфæлдыстады сусæгдзинæдты тыххæй бакæсут видеоæрмæджы.