Хуссар Иры ӕрӕхгӕндзысты фӕндӕгтӕ ӕмӕ хъахъхъӕндзысты ӕдасдзинад донаргъуыд исыны бынӕтты

Мидхъуыддӕгты ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрӕдты радзырдтой, цавӕр мадзӕлттӕ ист цӕуынц, цӕмӕй Чырыстийы Донаргъуыды бӕрӕгбон ацӕуа ӕдасӕй ӕмӕ сабырӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад аргъуанты ӕмӕ донаргъуыд райсыны бынӕтты Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕндзысты Мидхъуыддӕгты министрады 100 кусӕгӕй фылдӕр, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Уымӕй дарддӕр Чырыстийы Донаргъуыды бӕрӕгбон нысан кӕныны рӕстӕджы столицӕйы кӕцыдӕр уынгыл ӕрӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд.

"18 январы 21.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сифтонг кӕндзысты иуварсон змӕлд Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Харебаты Исахъы ӕмӕ Тӕболты Сергейы уынгты алвӕндӕгтыл", - фехъусын кодтой уагдоны.

МХМ ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, 18 январы 22:30 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг милицийы кусджытӕифтонг кӕндзысты ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад, кӕцытӕ донаргъуыд исдзысты Чысыл Леуахийы, Дменисы хъӕуы уӕллаг хидӕй дӕлӕмӕ.
Уымӕй дарддӕр ма милицийы патрультӕ сӕ хъус дардзысты республикӕйы фӕндӕгтыл ӕвтотранспорты змӕлды фӕткмӕ.
Хуссар Ирыстоны УУМ куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй донаргъуыд исыны бынӕтты радгӕсад хӕсдзысты техникӕйы дыууӕ иуӕджы ӕмӕ водолазтӕ.