Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты Петербурджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг ленкгӕнджытӕ хайад райсдзысты Санкт-Петербурджы уагъд цӕуӕг ӕппӕтуӕрӕсеон ерысты фыццаг этапы, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕды тренер Елена Терлеева.
Ерыстӕ нывӕзтгонд сты 29-30 январьмӕ.
"Нӕ командӕйы ис цыппар спортсмены. Ныфс нӕ ис, аккагӕй кӕй стох кӕндзысты. Ӕмбарӕм ӕй, уый кӕй у Уӕрӕсейы ленк кӕныны центр ӕмӕ дзы стыр конкуренци кӕй уыдзӕн", - загъта тренер.
Уый ма бафтыдта, 2022 азмӕ сын кӕй ис хъӕздыг нывӕзт, сӕ нымӕцы бынӕттон ерыстӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг турнирты хайадист.
"Ӕхсӕзӕм февралы уыдзысты бынӕттон ерыстӕ "Золотая рыбка". Райдайдзыстӕм 2022 азы сезон. Фыццаг этапы ерыс кӕндзыстӕм фӕсонтыл ленкӕй", - бафиппайдта Терлеева.
Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ, уыдон архайдзысты фылдӕр сывӕллӕттӕн радтын фадат ерысты архайынӕн.