19 январы ӕгас расткадон чырыстон дуне нысан кӕны Чырыстийы Донаргъуыды бон. Ирон адӕм ма йæ хоныц Доныскъӕфӕнтæ дæр. Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков бамбарын кодта ацы бӕрӕгбоны нысаниуӕг.
"Ацы бӕрӕгбон дины кусджытӕ хонынц Хуыцауы Рухс Раргомдзинад. Афтӕ йӕ куы сисӕм, уӕд Хуыцауыл донæй аргъауын нӕ хъуыдис, фӕлӕ Хуыцау йӕ фырты зӕхмӕ куы рарвыста, уӕд ын загъта: ацу ӕмӕ сӕххӕст кӕн ӕгъдау, кӕцыйы адӕм фесӕфтой, ӕмӕ Чырысти дӕр сӕххӕст кодта уыцы ӕгъдау", - загъта фыд Иаков.
Динамонӕг банысан кодта, Чырысти донаргъуыд куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдта Хуыцауы ныхас парахат кӕнын адӕмы астӕу.
"Хуыцау куы райста адӕймаджы буар, уӕдӕй бахӕстӕг ис махимӕ. Хуыцау куы ӕрцыд зӕхмӕ сыгъдӕг Мад Майрӕмы уылта, уӕд адӕмӕн фӕзынд ирвӕзындзинады бар", - бафиппайдта динамонæг.
Уый ма лæмбынæг радзырдта, ацы бон цы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕуынц Хуыцаумæскуывдтæ, уый тыххæй.
Бæстондæрæй - нæ видеоæрмæджы.