Ирон адæм тъæнджы мæйы 18 боны нысан кæнынц Доныскъæфæнтæ. Цы нысан кæны ацы бæрæгбон, цахæм традицитæ ис ирæттæм, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны радио Sputnik эфиры радзырта фыд Иаков.
"Æхсæвы 12 сахатæй фæстæмæ-иу нæ фыдæлтæ цыдысты дон хæссынмæ. Уæлдай ныхас хъуамæ ма скодтаис, афтæмæй систаис дон. Дон хæдзары æвæрдтой, къуымты-иу æй бакалдтой, пайда дзы кодтой кæрдзын кæныны рæстæджы дæр" - радзырдта Алайнаг епархийы динамонæг.
Чырыстон дин фыццаг куы рапарахат ис зæхххыл, уæд дыууæ бæрæгбоны - Цыппурс æмæ Доныскъæфæн - нысан кодтой иу боны. Фæлæ ацы бæрæгбонтæн ахæм стыр нысаниуæг кæй ис, уымæ гæсгæ сæ ахицæн кодтой.
Палестинæйы ис иу цæугæдон – Иордан. Пехуымпар Иоанн адæмы разæнгард кодта, цæмæй донаргъуыд райсой, Хуыцауы 'рцыдмæ сæхи бацæттæ кæной æмæ уой сыгъдæг. Донаргъуыды рæстæджы-иу адæм символикон æгъдауæй æртæ хатты ныхсадтой сæхи донæй. Уый нысан кодта, адæм сæ тæригъæдтыл кæй фæсмон кодтой.
Зæронд æгъдаумæ гæсгæ адæймагæн Хуыцауыл ныхас кæныны бар уыдис, æрмæстæр йыл 30 азы куы сæххæст, уæд. Чырысти куы бацыд уыцы кары, уæд æрцыдис пехуымпар Иоанмæ цæугæдон Иорданмæ æмæ донаргъуыд райста.
"Куы рахызтис , уæд стыр хъæлæба уыдис уæлæрвтæй æмæ бирæтæ афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, арв нæры, фæлæ чи бацыдис сыгъдæг зæрдæйæ, уыдон фехъуыстой: "Ай у мæ иунæг фырт æмæ ауыл ис мæ хорзæх!" - радзырдта фыд Иаков.
Цавæр истори, традициттæ æмæ æгъдæуттæ ис ацы бæрæгбонæн - байхъусут дарддæр радио Sputnik-ы эфиры.