"Чикы сабибонтæ": ирон режиссер Галазты Асланы киноныв рацæудзæн прокаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik. Цӕгатиростойнаг зындгонд режиссер Галазты Асланы аивадон киноныв "Детство Чика" 3-æм февралы рацæудзæн прокаты. Уый тыххӕй хъусын кӕны ПТРК "Алания".
Режиссер йӕ киноныв систа Фазиль Искандеры радзырдтæм гæсгæ, æвдыст дзы цæуы Абхаз ивгъуыд æнусы 40 азты.
"Сæйраг хъайтар у 13-аздзыд лæппу Чик. Хуымæтæг советон скъоладзауы цард æвваст аивта, йæ фыды йын куы рцахстой, уæд. Лæппу бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ йæ удыхъæд нæ аивта", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Киноуарзджытæ фендзысты Абхазы диссаджы æрдз, стæй аргъ скæндзысты режиссеры бирæвæрсыг курдиатæн.
Фильм систой Дзæуджыхъæуы эксперименталон киностудийы, Уæрæсейы культурæйы министрады æххуысæй. Сæйраг рольты дзы хъазынц Давид Цулукия, Засеты Батраз, Милана Ломия, Хæтæгты Артур, Мæхъиты Сослан æмæ Николаус Мавроматидис.
Равдисдзысты йæ Дзæуджыхъæуы кинотеатр "Алания Синема"-йы.