Дзӕуджыхъӕуы центры фӕзындзӕн фидгӕ парковкӕтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы историон хайы фӕзындзӕн фидгӕ парковкӕтӕ, фехъусын кодта "Осетия-Ирыстон"-ы эфиры Дзӕуджыхъӕуы администрацийы амалиуӕгады дӕлхайады хистӕры хӕдивӕг Ӕрчъинаты Зауырбег.
"Фидгӕ парковкӕтӕ сты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ нӕ горӕты, уымӕн автотранспортон фӕрӕзты нымӕц 3-5 хатты фылдӕр у нӕ уынгты уадзыны фадӕттӕй", - загъта уый.
Ӕдӕппӕт нывӕндынц саразын 2 мин фидгӕ парковкӕйы бынаты. Проекты реализацийӕн уадзынц баныхас инвестортимӕ Белгородӕй, бафтыдта уый.
"Фыццаг 15 минуты парковкӕйыл уыдзысты ӕнӕаргъ, фидӕн сахаты аргъ та уыдзӕн 30-35 сомы", - банысан кодта дӕлхайады хистӕр ӕмӕ бафтыдта, ӕнӕаргъ парковкӕйы аргъ баст уыдзӕн бынатимӕ.
Проектмӕ гӕсгӕ, парковкӕ бафидыны фадат уыдзӕн мобилон уӕлӕмхасӕны уылты. Бафидын ма уыдзӕн инфоматы руаджы, кӕцы сӕвӕрдзысты парковкӕты бынаты.