Зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас: УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хсӕн фӕндаг у сыгъдӕг, фӕлӕ тӕссаг у зӕйтӕ 'рцӕуынӕй, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.
Уагдоны уымӕй размӕ радзырдтой, Транскавказы автомагистралы хуссар хай уарыд мит.

"Фӕндагон службӕтӕ расыгъдӕг кодтой Транскамыл мит. Фӕндаг у сыгъдӕг, фӕлӕ тас у зӕйтӕ ӕрцӕуынӕй", - загътой радгӕсон службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, чысыл митуарды рӕстӕг сӕрмагонд службӕтӕ рахизынц сыгъдӕг кӕнынмӕ.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.