Хуссар Ирыстоны территорийыл - Къуыдаргомы Цъоны хъӕуы - ныр цалдӕр азы уӕвынад кӕны зымӕгон къахдзоныгъон курорт. Экономикон райрӕзты министрады туризмы дӕлхайады хистӕр Плиты Вадим куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ацы курорт кӕронмӕ арӕзт куы ‘рцӕуа, уӕд ын уыдзӕн уӕрӕх фадӕттӕ.
"Куы акӕсӕм Кавказы зымӕгон курорттӕм, уӕд дзы цъус ис ахӕм бынӕттӕ, цӕмӕй дзы уа фадат къахдзоныгътыл бырӕнӕн дӕр, лидзынӕн дӕр ӕмӕ ма биатлонӕн дӕр. Ныртӕккӕ ӕгас дунейы биатлоны спорт у тынг популярон", - загъта Вадим.
Туризмы дӕлхайады хистӕр банысан кодта, зӕгъгӕ, цӕмӕй Цъоны зымӕгон курорт зӕрдӕмӕдзӕугӕ суа ӕрцӕугӕ тыристтӕн, уый тыххӕй йӕ алфӕмбалай инфраструктурӕ хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмбӕлон ӕгъдауӕй арӕзт.