Дыууæ адæймаджы амардысты аварийы Цæгат Иры, ноджы дыууæйы та бахъуыд госпитализаци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ сгарынц фæндагон-транспортон цауы лыстæгдзинæдтæ, кæцыйы фæстиуæгæн амардысты дыууæ адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Дыууæ хæдтулгæйы хайадистæй авари æрцыд къуырисæры, 7.40 сахатыл автотрассæ Дзуарыхъæу-Архонскаяйыл.
"Полицийы кусджыты развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, автомашинæ"Ока"-йы шофыр, Дзуарыхъæуæй Архонкæйы рдæм цæугæйæ фехæлдта фæндагон змæлды фæтк æмæ ныццавта хæдтулгæ "Audi A6", - дзырдæуы хъусинаджы.
"Ока"-йы шофыр æмæ пассажиртæй иу амардысты рынчындонмæ фæндагыл. Ноджы ма дыууæйы та фæхæццæ кодтой Беслæны медцентрмæ.