ХИПУ банысан кӕндзӕн 90-азон юбилей егъау мадзӕлттӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет цӕттӕ кӕны 30 егъау мадзалӕй фылдӕр йӕ 90 азы юбилеймӕ, хъусын кӕны ХИПУ пресс-службӕ.
"Университет азы дӕргъы нывӕнды ауадзын: юбилейон ӕвзист згъӕрӕхцайы презентаци, кӕцы ацы бонмӕ рауагъта РХИ национ банк, чингуыты палатӕйы баконд, афтӕ ма лекциты цикл Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы фыдыбӕстӕйон историйы фӕдыл ХИПУ ӕмӕ уӕрӕсейаг зындгонд ахуыргондты хайадистӕй", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Афтӕ ма кусӕгон къуырийы райдайӕны нывӕндынц бакӕнын психологон ӕххуысы центр ХИПУ цур ӕмӕ ауадзын тымбыл фынг хуссарирыстойнаг ӕмӕ донецкаг психологтӕ ӕмӕ психотерапевтты хайадистӕй ацы тематикӕйы фӕдыл.
Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕн сорганизаци кодтой экскурси ХИПУ музейон комплексмӕ
"Февралы кӕрӕтты ацуӕдзӕн тымбыл фынг "Россия и Южная Осетия в контексте безопасности Кавказа", цы ран хайад райсдзысты эксперттӕ-политилогтӕ Уӕрӕсе, Израиль, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй. Цӕттӕ кӕнӕм егъау ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон форуммӕ ХИПУ фӕзуатыл (Уӕрӕсе, Сири, Абхаз, Сомих, ДАР, ЛАР, РХИ) Цӕгат Кавказы федералон университетимӕ иумӕ, кӕцы нывонд у ХИПУ 90 азы юбилей ӕмӕ ЦКФУ 10 азы юбилейӕн", - банысан кодтой университеты.
Бӕрӕгбонон юбилейон ӕмбырд ацӕудзӕн алыгъуызон бӕстӕтӕй уазджыты хайадистӕй, сӕ нымӕцы ректортӕ 40 ахуыргӕнӕндонӕй, кӕцытимӕ ХИПУ ӕмгуыстад кӕны.
"Афтӕ ма ацӕудзӕн сӕрмагонд алӕвӕрдты цикл ХИПУ ТВ-йы фӕзуатыл ацы азы райдайӕнӕй, ХИПУ-пресс газеты юбилейон номыртӕ, тематикон мадзӕлтты цикл музейон комплексы, чингуыты равдысттӕ. Уыимӕ иумӕ ма ацӕудзысты дӕсӕй фылдӕр юбилейон зонад-практикон конференцийы", - бахахх кодтой ахуырадон уагдоны.
Юбилейӕн нывонд уыдзӕн авто-мотозгъорд дӕр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты раритетон транспорты хайадистӕй.