Хуссар Иры иу къуыримӕ ӕрцыд аст ФТЦ, иу адӕймаг бахъыгдард

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд аст фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, иу цауы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард иу адӕймаг, аннӕ хӕттыты хӕдтулгӕтӕ райстой механикон цӕфтӕ.
Цхинвалы ихфӕндаг ссис уӕзласӕн хӕдтулгӕйы хайадистӕй аварийы аххосаг – МХМ
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ 17-24 январы ӕдӕппӕт сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 323 фӕткхалды. Фараст адӕймаджы ӕрурӕдтой хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
МХМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны территорийыл иу къуыримӕ не срегистраци кодтой фыдракӕндтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрнмӕ ӕртӕ адӕймаджы.