Гасситы Мурӕт раздӕхт тренировкӕтӕм травмӕйы фӕстӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕт раздӕхт тренировкӕтӕм йӕ къухы састы фӕстӕ, кӕцы уый райста спаррингы рӕстӕджы. Уый тыххӕй спортсмен ныффыста йӕ Instagram-ы.
"Травмӕйы фӕстӕ тагъд фидар кӕнын. Раздӕхтӕн тренировкӕтӕм!", - загъта Гасситы Мурӕт.
Фарон декабры дунейы раздӕры чемпион боксӕй Гасситы Мурӕт хъуамӕ фембӕлдаид украинаг Андрей Руденкоимӕ, фӕлӕ тох нӕ ацыд ирон боксеры травмӕйы тыххӕй.
Гасситы Мурӕт йӕ фыццаг тох супепруӕззау уӕзы категорийы ауагъта 2020 азы октябры ӕмӕ нокаутӕй рамбылдта нырма Нури Сеферийы, стӕй та михаэль Валлишы. Ирон боксер профессионалон рингыл рамбылдта 28 тохы ӕмӕ иуы та фембылд.