ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы коммуналон службӕйы кусджытӕ ӕмӕ техникӕ дыццӕджы райсомӕй рахызтысты митуарды фӕстиуджытӕ иуварс кӕнынмӕ.
Дыццӕджы ӕхсӕвы та Цхинвалы ногӕй ӕрӕмбӕрзта мит. Уый зынвадӕттӕ ӕвзӕрын кӕны куыд хӕдтулгӕты шофыртӕн, афтӕ тротуартыл цӕуджытӕн дӕр.
Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй куыстытӕ райдыдтой централон уынгтӕй.
"Ӕртӕ иуӕджы техникӕ ӕмӕ хайады кусджытӕ иууылдӕр сты столицӕйы уынгтыл. Хӕдтулгӕты фӕндагыл пырх кӕнынц сӕрмагонд реагенттӕ, тротуартыл та цӕхх", - загъта мэрияйы пресс-секретарь Кокойты Анна.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, сӕйраг уынгтыл куыст куы балхынцъ уа, уӕд ахиздзысты фӕсфӕдмӕ дӕр.