Хуссар Иры Юстицийы министрад аргъӕвта конкурс паддзахадон службӕйы вакантон бынӕтты фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон граждайнаг службӕйы вакантон бынӕттӕм конкурсы дыккаг этап аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады пресс-службӕ.
Конкурс снысан кодтой 27 январьмӕ, йӕ аргъӕвыны скъуыддзаг рахастой коронавирусы апарахаты фӕдыл эпидемиологон уавӕры февзӕрдӕры тыххӕй.
"Конкурс аргъвӕтой 27 январӕй ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ ӕвзӕр санитарон-эпидемиологон уавӕры тыххӕй. Конкурсы дыккаг этапы датӕ ӕмӕ рӕстӕджы фӕдыл информаци уыдзӕн Юстицийы министрады официалон сайтыл ӕмӕ йӕ фехъусын кӕндзысты ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцыты бауагътой конкурсы хайад райсынмӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Амӕйразмӕ Юстицийы министрады хъусын кодтой, конкурс уагъд кӕй цӕуы сӕрмагонд баныхас ӕмӕ тесты хуызы, цӕмӕй кандидаттӕ сӕххӕст кӕной бындурон квалификацион домӕнтӕ.