ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады ӕруынаффӕ кодтой коронавирусы дарддӕры апарах ма руадзыны фӕдыл мадзӕлттыл, хъусын кӕны ӕртыццӕджы уагдоны пресс-службӕ.
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб ауагъта оперативон рабадт, цы ран бахӕс кодта карзӕй ӕххӕст кӕнын COVID-19 профилактикӕйы мадзӕлттӕ, уагдоны сног кӕнын маскӕйон режим, мидхъуыддӕгты органты кусджыты хсӕн мониторинг кӕнын рынчынкӕнынад.
Министрады сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг ма уымӕй дарддӕр сарӕзта хатдзӕгтӕ ивгъуыд къуырийы милицийы архайдӕн ӕмӕ банысан кодта, "къуыри кӕй ацыд ӕнӕ фыдракӕндтӕй, регистрации ӕрцыд ӕрмӕст цалдӕр цауы, се ‘хсӕн аваритӕ республикӕйы фӕндӕгтыл".
Уый ма бафиппайдта, республикӕйы оперативон уавӕр, иумӕйагӕй сисгӕйӕ, кӕй у стабилон ӕмӕ ис мидхъуыддӕгты органты кусджыты ӕппынӕдзухон хъусдарды бын.