Хуссар Ирмӕ ӕрласдзысты кедры талаты ног парти

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экологикон организаци "Зеленая Алания" ӕрласдзӕн Уӕрӕсейӕ кедрты талаты ног парти, фехъусын кодта организацийы разамонӕг Габайты Зӕлинӕ.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, талатӕ кӕй хъӕуы, уыдон хъуамӕ развӕлгъау организацийы саразой заказ.
"Кедрты плантацитӕ нын ныридӕгӕн хъомыл кӕнынц талатӕ. Фӕлӕ сӕ раздӕрау парахатӕй нал лӕвар кӕндзыстӕм - хъӕуы развӕлгъау байдзаг кӕнын куырдиатон гӕххӕтт", - загъта Габайты Зӕлинӕ.
Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ районы ныссагътой сыбыраг кедртӕ. Бынӕттон экологион организаци "Зеленая Алания" талатӕ самал кодта Уӕрӕсейы егъау проект "Кедры России"-имӕ бадзырды фӕрцы.
Экологион организацийы хъӕппӕрисӕй Хуссар Иры садзынц сыбыраг кедртӕ