Плиты Вадим: Цъоны ис алы уавæртæ сывæллæтты къахдзоныгътыл сахуыр кæнынæн

Sputnik
Экономикон райрӕзты министрады туризмы дӕлхайады хистӕр Плиты Вадимы хъуыдымæ гæсгæ, хуссар Ирыстоны къахдзоныгъон курорт "Цъон" арæзт у канд хистæр кары адæмæн нæ, фæлæ ма авд азы кæуыл сæххæст, ахæм сывæллæттæн дæр.
"Цæмæй сывæллæтты слæууын кæнæм къахдзоныгътыл, уый фæрæзтæ дзы ис. Ис дзы къахдзоныгътæ дæр æмæ дзабыртæ дæр", - загъта Плиты Вадим.
Зымæгон курортмæ чи фæцæуы, уыдон ма къахдзоныгътæй дарддæр фæпайда кæнынц тъепатæй дæр. Фæлæ, хъыгагæн, Цъоны нырма тъепатыл бырынæн стыр фæрæзтæ нæй.
Бæстондæрæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 FM.