Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Югосетпотребнадзоры ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 172 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы хуыцаубоны сарӕзтой 330 иртӕсты. Уыдонӕй ӕвӕрццаг тест разынд 172 адӕймагӕн. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 40 пациенты. Медикты хъусдарды бын нырма ис 1 659 адӕймаджы", - загътой санитарон уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй абон онг COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 10 615. Санитарон уагдоны ПЦР-лаброраторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 61 791 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ коронавирус бахӕцыд 12 274 адӕймагыл.