Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта Абхазы минӕваримӕ дыууӕ бӕстӕйы ахастытыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий райста Абхазы минӕвары республикӕйы Елбачиты Аланы.
Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕ бӕстӕйы ахастыты райрӕзты перспективӕтыл, афтӕ ма регионалон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон боны фӕткы актуалон фарстытыл.
"Баныхасы рӕстӕджы фарсытӕ загътой кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ хуссарирыстойнаг-абхазыг ахастыты уавӕр ӕмӕ перспективӕты фӕдыл, кӕцытӕ фидар кӕнынц хӕларад дыууӕ бӕстӕйы хсӕн, афтӕ ма ӕрдзырдтой регионалон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон боны фӕткы актуалон фарстытыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фембӕлды кӕрон фарсытӕ банысан кодтой, цӕттӕ кӕй сты дарддӕры конструктивон кусӕгон ӕмархайдмӕ.