Цхинвалы иуыл ӕвзонг бизнес-леди: финансон сӕрибардзинады рецепт 15-аздзыд чызгӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Джиоты Фреяйыл цӕуы нырма 15 азы, фӕлӕ йын ис йӕхи пайдаджын бизнес ӕмӕ хӕлар ахастытӕ чингуытимӕ. Уый ныфс ӕвӕры, кӕй суыдзӕн хорз экономист ӕмӕ Цхинвалы та бакӕндзӕн кафе-чиныгдон.
Джиоты Фрея у гимназ "Рухс"-ы дӕсӕм къласы ахуырдзау. Чызг тырны дырыс зонӕдтӕм, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, рагӕй фӕстӕмӕ зӕрдийӕ у аивадон литературӕйыл дӕр.
Дыууӕ азы размӕ Фреяйы ӕрфӕндыд йӕ уарзон хъуыддаг пайдаджын скӕнын.
"Бакастӕн Эмиль Золяйы роман "Дамское счастье" ӕмӕ мӕ уӕд ӕрфӕндыд бакӕнын мӕхи чингуыты дукани. Мӕ бинонтӕ мын баххуыс кодтой фыццаг. Дзӕуджыхъӕуы нӕ хӕстӕджытӕн ис чингуыты дукани ӕмӕ уыдонимӕ бадзырдтам", - радзырдта чызг.
Чызджы интернет-дуканимӕ bookstore сӕхи бафыстой цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы. Уым бӕстонӕй ӕвдыст цӕуынц бирӕнымӕц аивадон литературӕ, ахуыргӕнӕн рауагъдтӕ, фыссы сын бӕстон аннотаци.
"Чиныг лӕварӕн рӕсугъд батухын. Горӕты цыфӕнды бынатмӕ дӕр хӕссын заказ. Ис нӕм равзарӕн 100 рауагъдады чингуытӕй нырыккон автортӕй райдаугӕйӕ ӕмӕ классикон уацмыстыл фӕугӕйӕ", - бафтыдта Фрея.
Ӕрыгон чызджы бизнес кӕд бирӕ ӕхца нӕ хӕссы, уӕддӕр скъоладзауӕн дӕтты финансон сӕрибардзинад.
"Ног азмӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонтӕм мӕ хиуӕттӕн саразын лӕвӕрттӕ. Стӕй, иумӕйагӕй сисгӕйӕ, дӕхи ӕхца куы кусай, уӕд уый ӕхсызгон у",- бафиппайдта бизнес-леди.
Джиоты Фрея
Фреяйӕн ныридӕгӕн скъуыддзаггонд у, скъолайы фӕуды фӕстӕ цы професси равзардзӕн, уый дӕр.
"Экономист суӕвын хъавын, фӕлӕ, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, мӕ дукани дӕр хъуамӕ куса.Фӕнды мӕ, цӕмӕй интернетӕй мӕ дукани ракӕнон реалон тыгъдадмӕ ӕмӕ Цхинвалы бакӕнон кафе-библиотекӕ-дукани. Мӕ фӕндты йӕ нывӕндын - райдзаст хатӕн, бирӕ чингуытӕ, кофе бацымӕн бынат...", - бӕллы Фрея.
Фрея ма сӕрыстыр у йӕ ӕнахуыр номӕй дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый гермайнаг-скандинаваг мифологийы у уарзондзинады зӕд. Уый банысан кодта, ӕгас Цхинвалы кӕй ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ Фрея - иу чызг ӕмӕ иу та гӕды.
"Гыццылӕй фӕстӕмӕ мыл дыууӕ номы уыд - Адриана ӕмӕ Фрея. Фрея мыл сӕвӕрдта мӕ мады хо. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы. Ӕмӕ мыл 14 азы куы сӕххӕст, уӕд паспорт райстон Джиоты Фреяйы номыл. Ам никӕй зонын ӕндӕр ахӕм номимӕ, ӕрмӕст ма мӕ мады хойы хӕларӕн йӕ гӕды хуыйны Фрея", - худы чызг.
Фрея амоны алкӕмӕн дӕр, цӕмӕй схӕлар уой чингуытимӕ ӕмӕ ӕнӕмӕнг бакӕсой йӕ уарзон чингуытӕ "Унесённые ветром" ӕмӕ "Американская трагедия".